филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:20 четверг, 02 мая 2024
11 января 2022, 11:32
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Зæнджиаты Павелы номарæн турнир шахмæттæй

Ерысты архайдтой 140 адæймагæй фылдæр

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыд Зæнджиаты Павелы номарæн турнир шахмæттæй. Павел уыд зындгонд мастер æмæ Цæгат Ирыстоны 11 хатты чемпион шахмæттæй. Ерысты архайдтой 140 адæймагæй фылдæр. Се хсæн – 4 гроссмейстеры. Уæлахиздзаутæн радтой зæрдылдарæн призтæ, уыимæ Зæнджиаты Павелы бинонты номæй дæр. Турниры уæлахиздзау сси Кæсæг-Балхаърæй спортсмен Александр Козак. Иу очкойы рдæг ын фæхæрд гроссмейстер Дмитрий Кряквин. Æртыккаг сси Павел Смирнов. Турнир арæзт æрцыд швейцариаг системæмæ гæсгæ: ома уæлахиздзауы сбæрæг кодтой 11 туры фæстæ. Призы иумæйаг фонд уыд 100 мин сомы. Ерыстæ саразджытæ схорзæхджын кодтой номарæн турниры æппæты кæстæр архайджыты дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania