филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:10 воскресенье, 19 мая 2024
11 мая 2021, 14:10
Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат æмæ Кубок рамбулыны ерыстæ мотокроссæй

Ерыстæ баст уыдысты Уæлахизы 76 азы бонимæ

Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат æмæ Кубок рамбулыны ерыстæ мотокроссæй. Ерыстæ баст уыдысты Уæлахизы 76 азы бонимæ. Архайдтой дзы 50 тыхджындæр спортсменæй фылдæр Цæгат Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъарæй, Дагестанæй, Хъæрæсе-Черкесийæ, Стъараполы крайæ стæй суанг Сахалинæй. Мотодромы ерыс кодтой 4 турниры призтæ рамбулыныл. Уыдон уыдысты: фæсивæдон турнир, Цæгат Кавказы федералон зылды чемпионат хистæр кары спортсменты хсæн, стæй республикон ерыстæ дыууæ кары категорийы. Чемпионаты алы архайæг дæр 4 цыдæй къаддæр нæ ракодта. Уæвгæ, турнир у æвзарæн къæпхæн. Уæлахиздзаутæн фадат уыдзæн сæйраг национ старты архайынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania