филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:42 вторник, 03 ноября 2026
28 марта 2026, 10:22
Дзæуджыхъæуы ацыд Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты регионты хъæдты хæдзарæдты фарстаты фæдыл хатдзæгтæгæнæн æмбырд

Йæ архайджытæ æрныхас кодтой ацы къабазы куысты бæрæггæнæнтыл, фæрæзтæ дих кæныны, хъæдтæ сног кæныны æмæ сæ бахъахъхъæныны фарстатыл

Дзæуджыхъæуы ацыд Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты регионты хъæдты хæдзарæдты фарстаты фæдыл хатдзæгтæгæнæн æмбырд. Йæ архайджытæ æрныхас кодтой ацы къабазы куысты бæрæггæнæнтыл, фæрæзтæ дих кæныны, хъæдтæ сног кæныны æмæ сæ бахъахъхъæныны фарстатыл. Фембæлды куыд фæнысан кодтой, афтæмæй ацы аз Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты регионтæн хъæдты хæдзарæдты хæрдзтæн дихгонд æрцыди 4 миллиард сомы. Уый, фаронимæ абаргæйæ у 24 % фылдæр. Фæрæзтæ хардзгонд æрцæудзысты талатæ рæзын кæныны бынæттæ аразыныл. Фылдæр æргом аздæхтой зынгсирвæзтыты сезон куыд ацыд, уымæ. Ныхас цы федералон зылдтыл цæуы, уыдоны ахуыссын кодтой 215 зынгсирвæзты. Уыимæ, æрдзон фыдбылызтæ нæ руагътой 4 регионы, се хсæн Цæгат Ирыстон дæр. Регионты бацæттæ кодтой 60 тонны зайæгойты мыггæгтæ, уый цы нысан кодтой, уымæй у зынгæ фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania