филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:34 четверг, 02 мая 2024
27 сентября 2022, 11:19
Дзæуджыхъæуы ацыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ пневматикон дамбацайæ практикон æхстæй

Ацы аз хæцæнгарзы алы кълæсты майдантыл тох кодтой Уæрæсейы 11 регионæй 72 хуыздæр мысанæхсæджы

Дзæуджыхъæуы ацыдысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ пневматикон дамбацайæ практикон æхстæй. Ацы аз хæцæнгарзы алы кълæсты майдантыл тох кодтой Уæрæсейы 11 регионæй 72 хуыздæр мысанæхсæджы. Се хсæн Мæскуыйы, Владимиры, Хъырымы, Стъараполы крайы æмæ æндæр горæтты минæвæрттæ. Чемпионаты архайдтой 9 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ дæр. Матчы хæслæвæрдтæ уыдтой фыццаг хатт. Фæлтæрæнимæ базонгæ кæнынæн фæсивæдæн лæвæрд цыди цалдæр минуты. Уыцы рæстæгмæ хъуамæ скодтаиккой 7 мысаны фехсынæн пълан, уый фæстæ хъуамæ фехстаиккой æнæ рæдыдæй. Ерыстæ аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм мадзæлттæ рæзгæ фæлтæрмæ гуырын кæнынц спортивон ерысхъомдзинад, стæй ахуыр кæнынц хæцæнгарзимæ архайыныл дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania