филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:04 понедельник, 13 мая 2024
05 июля 2019, 16:00
Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуы планетарийы рацарæзт

Ныр та ма сын æххуыс кæндзысты Хæххон металлургон институты профилон студенттæ

Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуы планетарийы рацарæзт. Йæ байгоммæ горæты цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кæсынц. Республикæмæ æрбахуыдтой Мæскуыйы хуыздæр архитекторты æмæ аразджыты. Ныр та ма сын æххуыс кæндзысты Хæххон металлургон институты профилон факультеты студенттæ. Ам архайдзысты августы кæронмæ. 17 студенты ныртæккæ иу кæнынц коммуникацитæ, стæй аив кæнынц планетарийы æддаг бакаст. Æмтгæй райсгæйæ, рацарæзт хъуамæ фæуа сентябрьмæ.
Ацы арæзтадмæ Дзæуджыхъæу рагæй æнхъæлмæ кастис. Бирæ азты æхгæд чи уыдис, уыцы планетарий тагъд рæстæг байгом кæндзæн йæ дуæрттæ чысыл зондабитæн æмæ сæ хистæртæн. Студентты арæзтадон къордты уæнгтæй бирæтæ Норильскы разæй равзæрстой нæхи Планетарий. Уыдонимæ Мæхъиты Руслан дæр. Хæххон металлургон институты Архитектурон-арæзтадон факультеты студенты бафæндыд йе вæрæн бахæссын планетарийы рацарæзтмæ.
Арæзтад се нцонтæй нæу. Уый тыххæй, нырма фæлтæрддзинад кæмæ нæма ис, уыцы аразджытæ архайынц дурæвæрæн куыстыты æмæ коммуникациты арæзтады. Фæлæ раст зæгъгæйæ, æрыгон аразджытыл баууæндыдысты лыстæг куыстытæ саразын дæр. Лекцион-равдыстадон залы уæларвон станцæйы макеты сæрмæ цы арв ис, уый саив кодтой студентты æххуысæй.
Залы арæзтадыл тынг лæмбынæг бакуыстой. Ам ис разамынды наукон-фантастикон пульттæ, стæй хаххнывтæм гæсгæ кæй сарæзтой, уыцы номдзыд космосон агрегатты хæйттæ. Ног планетарийы сывæллæттæ æмæ сæ хистæртæ фендзысты хуры системæйы хуызæг. Æвæрд уыдзæнис кæрты. Йæ разы та уыдзæнис, ныв мин хатты чи стырдæр кæны, ахæм дыууæ телескопы. Арæзтады разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, ацы проект æнæ студентты æххуысæй нæ сырæзтаид.
Студенттæ кусдзысты августы кæронмæ. Арæзтад та фæуыдзæнис сентябры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania