филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:45 среда, 01 мая 2024
11 января 2024, 13:14
Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуы тематикон комплекс «Аланийы парчы» арæзтад

Территорийы ныридæгæн сæвæрдтой фæлгæсæн цалх æмæ бæндæнæй фæндаг

Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуы тематикон комплекс «Аланийы парчы» арæзтад. Территорийы ныридæгæн сæвæрдтой фæлгæсæн цалх æмæ бæндæнæй фæндаг. Ахадгæйæ æххæстгонд цæуы комплексы иннæ объектты арæзтад дæр. Сæ хыгъды – къахдзоныгътыл бырыны трассæ æмæ бирæвæрсыг центр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фидæны зæрдæмæдзæугæ ирхæфсæн бынат æрмæст республикæйы цæрджытæн нæ, фæлæ æппæт бæстæйæ туристтæн дæр. Тематикон комплекс «Аланийы парчы» арæзтад дарддæр ахадгæйæ æххæстгонд цæуы. Ныртæккæ дзы фæллой кæны 30 адæймагæй фылдæр æмæ техникæйы 5 иуæджы. Кусджытæ бавнæлдтой къахдзоныгътыл бырыны къуылдым цæттæ кæнынмæ. Фæлæ участочы хицау Калоты Вячеслав куыд загъта, афтæмæй ис стыр зындзинæдтæ. Баст сты боныхъæдимæ.

Къахдзоныгътыл бырыны къуылдымы дæргъ уыдзæн 1 километр æмæ 600 метры бæрц. Проектмæ гæсгæ, зымæджы ам уыдзæн къахдзоныгътыл, дзоныгътыл æмæ сноубордтыл бырын. Сæрды та дзы уыдзæн велотрек. Фарон октябры сæвæрдтой бæндæнæй фæндаг. У цыппарбадæн æмæ сахатмæ йæ бон лæггад кæнын уыдзæн мин æмæ фондзсæдæ адæймагæн.

Æххæстæй цæттæ у фæлгæсæн цалх дæр. Йæ бæрзæнд у 41 метры. Специалисттæ куыд кусы, уый сбæлвырд кодтой. Ныртæккæ ма парчы бындурыл арæзт цæуы бирæвæрсыг центр. Ныридæгæн ын йæ сæр сæвæрдтой æмæ бавнæлдтой дурæй куыстытæм. Уыдзысты дзы спортивон кусæнгæрзтæ арендæйы æмæ аходæн бынæттæ.

Хъæуы ма базилын территоримæ. Уыдзæн дзы асфальтфæндаг, бæндæнæй фæндаджы дæллаг станцæйы та скæндзысты парковкæ 350 машинæйæн. Республикæйы сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Моргуаты Константин куыд загъта, афтæмæй «Аланийы парк» суыдзæн Цæгат Кавказы абарæн кæмæн нæй, ахæм проект.

Тематикон комплексы хай суыдзæн уазæгдзæрæн. Сараздзысты йæ ирхæфсæн паркмæ хæстæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania