филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:03 вторник, 21 мая 2024
24 июля 2023, 11:40
Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуынц фæндæгтыл сæрмагонд нысантæ ног кæныны куыстытæ

Фыццаджыдæр сæ ног кæнынц фистæгæйцæуджыты фæндæгтыл, стæй фæндаггонд змæлд тынгдæр кæм ис, ахæм рæтты

Дзæуджыхъæуы дарддæр цæуынц фæндæгтыл сæрмагонд нысантæ ног кæныны куыстытæ. Фыццаджыдæр сæ ног кæнынц фистæгæйцæуджыты фæндæгтыл, стæй фæндаггонд змæлд тынгдæр кæм ис, ахæм рæтты. Æрæджы ног нысантæ фæзынди Таутиаты Солæманы æмæ Карл Марксы уынгты тигъыл дæр. Куыстытæ цæуынц, паддзахадон стандарттæ хынцгæйæ, ахорæнæй скæнынц нысантæ, стæй ма сыл бафтауынц, талынджы рухс чи кæны, ахæм сæрмагонд ахорæнтæ дæр. Афтæмæй, шофыртæ æхсæвыгон фæндаг уынынц хуыздæр. Сæрды кæронмæ фæндаггон нысантæ сног кæндзысты скъолатæм æмæ æндæр ахуыргæнæндæттæм хæстæг рæтты. Ныртæккæ амынд куыстытæ уыцы-иу рæстæг цæуынц горæты бирæ уынгты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania