филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:34 воскресенье, 19 мая 2024
11 апреля 2023, 11:25
Дзæуджыхъæуы дыууæ боны цыди, бынæттон администрацийы сæргълæууæджы Кубок рамбулыны турнир шахмæттæй

Ерысты архайдтой 400 спортсменæй фылдæр Уæрæсейы алы регионтæй

Дзæуджыхъæуы дыууæ боны цыди, бынæттон администрацийы сæргълæууæджы Кубок рамбулыны турнир шахмæттæй. Ерысты архайдтой 400 спортсменæй фылдæр Уæрæсейы алы регионтæй. Уыдысты алы категориты шахматисттæ, райдай гроссмейстертæй, æмæ, спорты ацы хуызы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæй фæуы. Ерысты фыццаг бон ацыд блиц-турнир, дыккаг боны та уæлахиздзауы бæрæг кодтой рапидæй. Лауреаттæ райстой кубоктæ, майдантæ æмæ кады гæххæттытæ. Призы иумæйаг фонд та уыд 220 мин сомы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Фидараты Маринæ.

Историмæ хаст чи рцæудзæн, ахæм цау. Фыццаг хатт нæ республикæйы арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæджы кубок рамбулыны турнир шахмæттæй. Æрбахуытой йæм дунейы чемпионты стæй зындгонд æппæтадæмон гроссмейстерты. Турниры ирддæр стъалы – Владислав Артемьев. Уæрæсейаг шахматист къуырийы размæ з:2 хыгъдæй фæуæлахиз дунейы чемпион Магнус Карлсеныл.

Ерысты фæткмæ гæсгæ уыд экстра-къласы шахматисттимæ фембæлд. Дунейы рагондæр хъазт ахуыр кæны хъуыды кæныныл, стæй ма хиуыл хæцыныл дæр.

Зæрдыл кæй бадардзысты, ахæм дебюттæ. Ерысты фыццаг бон уыд блиц-турнир. Дыккаг бон та бæрæг кодтой рапидæй 9 туры уæлахиздзауты. Алы партийæн дæр лæвæрд цыди 10 минуты.

Не мзæххон шахматисттæн ма фадат уыд дунейы зындгонддæр спортсментимæ фембæлынæн.

Фæхæрд уæвын æмæ уæлахиздзау суæвын дæр æвзæрын кæны тыхджын æнкъарæнтæ. Уæрæсейы профессионалон спортсментæн-гроссмейстертæн амæй фæстæмæ сæхи тырысайы бын архайæн нæй. Уый у ФИДЭ-йы уынаффæ. Февралы Уæрæсейы шахмæтты федераци Европæйæ ивд æрцыд Азимæ. Уæрæсейаг спорстментæ ныр сты Азиатаг шахматты федерацийы бæрны. Хаст æм æрцыдысты 50 бæстæйы.

Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ нæ бæстæйы хсæн трунирты архайыны фадат ис алкæмæн дæр. Уæлдайдæр та тыхджындæртæн. Ацы хатт сты Дзæуджыхъæуы. Политехникон техникумы Капабланкæйы номыл шахматты скъола кæй байгом, уый у фыццаг, фæлæ тынг ахсджиаг къахдзæф спорты ацы хуызы райрæзтæн. Зæрдæ дарæн ис, Цæгат Ирыстоны стыр проекттæ сæ бынат кæй ссардзысты, ууыл.

Кубок рамбулыны иумæйаг призон фонд у дыууæ сæдæ мин сомæй фылдæр. Зындгонд гроссмейстертæ бæстæйы алы регионтæй стæй курдиатджын сывæллæттæ. Ныртæккæйы æмæ фидæны стъалытæ. Активонæй уал æмбырд кæнынц сывæллæтты республикон командæ. Уый архайдзæн Уæрæсейы чемпионаты. Уыдзæн ацы мæй Мæскуыйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania