филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:59 вторник, 07 мая 2024
27 апреля 2022, 10:28
Дзæуджыхъæуы фæзынд, дунейы фыццаг чи у, ахæм нымæты куыстгæнæг хæдзар

Уырдæм бацæугæйæ, нæ республикæйы алы мастерæн дæр фадат уыдзæн сæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй фæхайджын уæвынæн

Рагон ирон æрмдæсныйад, уыимæ нырыккон трендтимæ æнгом бастæй. Дзæуджыхъæуы фæзынд, дунейы фыццаг чи у, ахæм нымæты куыстгæнæг хæдзар. Уырдæм бацæугæйæ, нæ республикæйы алы мастерæн дæр фадат уыдзæн сæ кæрæдзийы фæлтæрддзинадæй фæхайджын уæвынæн, стæй сæ куыстытæ равдисынæн. Уазджытæн та сæ бон у къуымбилимæ куысты сусæгдзинæдтæ базонын.

Уæлæдарæсы национ элементтæн радтой ног комулæфт. Зæгъæм, алантæ басылыхъ кодтой сæ худты уæле. Ирыстоны нымæты хæдзары æрмдæснытæ йæ æрцыбыртæ кодтой æмæ ног модель уайтагъддæр райдыдтой агурын. Уый та уын рагон дзаумайы нырыккон хуыз.

Нымæтын хæдзар рухс федта Президенты грантты фонды фæрцы. Байгом æй кодтой Дзæуджыхъæуы. Бзарты Аланæ афтæ тынг бауарзта ацы æрмæг æмæ йæ бафæндыд йæ уарзондзинадæй иннæтимæ фæхай кæнын. Ныртæккæ республикæйы æрмдæснытæн ис, сæ фæлтæрддзинадæй кæрæдзийæн кæм хай кæной, ахæм бынат. Уазджыты бон та у базонын, къуымбилимæ куыд архайын хъæуы, уый.

Президенты грантты фонды æххуысы фæрцы Бзарты Аланæ сæххæст кодта цыппар проекты. Иу мин адæймагæн равдыстой дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, къуымбилимæ куыд кусын хъæуы, уый тыххæй æмæ сын радтой фадат сæхи ног дæсныйады бафæлварын. Фæлæ йæ сæйраг æнтыстдзинадыл нымайы, нымæт æууæрдыны технологи нæ регионы кæй сног кодтой, уый.

Нырма уал Нымæты хæдзары куыстæн аргъ скодтой æрмæстдæр журналисттæ. Тагъд рæстæг та официалон уагæй хæзар байгом кæндзысты æрмдæснытæ æмæ истори уарзджытæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania