филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:37 среда, 01 мая 2024
12 января 2024, 11:13
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ сты канализацион коллекторы арæзтадон куыстытæ

Афтæмæй ног коллекторы руаджы бырондæттæ кæд раздæрТеркмæ калдысты, уæд ныр цæудзысты сæрмагонд бынатмæ

Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ сты канализацион коллекторы арæзтадон куыстытæ. Республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад куыд фехъусын кодта, афтæмæй ног коллекторы руаджы бырондæттæ кæд раздæрТеркмæ калдысты, уæд ныр цæудзысты сæрмагонд бынатмæ. Уый руаджы та, кæй зæгъын æй хъæуы, фæкъаддæр уыдзысты аварион уавæртæ. Цавæр гæнæнтæ ма гом кæны ног коллектор, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Афæдз æмæ 6 мæйы куыстыты фæстæ горæты астæу фæзынд ног канализацион коллектор. Сцалцæг æй кодтой Цæгат Кавказы федералон зылды рæзты паддзахадон программæйы фæлгæты. Проекты фæрæзты бæрц – 405 милуан сомы.

Рахизфарсы былы сæйраг коллектор сарæзтой 1937-æм азы. Арæзт та уыд цæнгæтæй, æфсæйнагæй керамикон хæтæлтæй. Рæстæг сыл кæй рацыд, æмæ кæй базæронд сты, уымæ гæсгæ æппынæдзух æвзæрын кодтой аварион уавæртæ. Цалцæггæнæн куыстыты рæстæг пайда кодтой пластикæй арæз хæтæлтæй. Уымæн æмæ сты æнцонархайд æмæ фидар. Æппынкъаддæр лæггад кæндзысты 50 азы.

Ног коллекторы уадзæн гæнæнтæ – 40 литрæй 830 литры онг секундмæ. Йæ руаджы ныр бырондæттæ цæудзысты хъæугæ бынатмæ. Раздæр та калдысты Теркмæ. Фарон Терк бацыд бæстæйы 10 чъизидæр цæугæдæтты хыгъдмæ. Горæты астæуккаг хайы ис, донмæ чъизитæ кæцæй калынц, ахæм 30 бынатæй фылдæр. Ног канализацион коллекторы фæзындимæ та цæугæдоны сыгъдæгдзинады æмвæзад фæхуыздæр уыдзæн. Фæстаг азты республикæйы коммуналон хайадты ахадгæ цæстдард цæуы дондзæуæн системæйы фарстамæ. Уый фæрцы сцалцæг кодтой доны хæтæлты 600 километрæй фылдæр.

Æппæтæй тыхджындæр сыгъæддæгæнæн фæрæзтæ ОСК-1 сты Ногиры æмæ Дзæуджыхъæуы, фæлæ сæ хъæуы сцалцæг кæнын. Таматы Майрæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй Дзæуджыхъæуы администраци ныридæгæн кусы сыгъдæггæнæн фæрæзтæ саразыны проектыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania