24 июля 2025, 10:37
Дзæуджыхъæуы кæронмæ фæхæццæ кæны дондзæуæн æмæ хъармдæттæг хызты рацарæзт
Куыстытæм бавнæлдтой 2023-æм азы, республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ
Дзæуджыхъæуы кæронмæ фæхæццæ кæны дондзæуæн æмæ хъармдæттæг хызты рацарæзт. Куыстытæм бавнæлдтой 2023-æм азы, республикæйы сæргълæууæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ. Уыцы рæстæгмæ базылдысты 30 уынгмæ. Уыдонæй 15-мæ ацы аз. Ацы бонты ивд цæуынц Пушкинскийы уынджы зæронд хæтæлтæ. Специалисттæ кусынц нырыккон кусæнгæрзтæй, аразынц траншейæтæ, æвæрынц дзы ног полиэтиленæй конд хæтæлтæ. Ныридæгæн сног кодтой хæтæлы 50 метрæй фылдæр.




