филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:14 пятница, 17 мая 2024
01 августа 2023, 11:52
Дзæуджыхъæуы кæронмæ фæци Поддубныйы хъæбысхæсты лигæйы турнир

Мадзалы кæронбæттæн бон спорты галуан Манежы сæ арæхстдзинад равдыстой дунейы тыхджындæр спортсментæ

Дзæуджыхъæуы кæронмæ фæци Поддубныйы хъæбысхæсты лигæйы турнир. Мадзалы кæронбæттæн бон спорты галуан Манежы сæ арæхстдзинад равдыстой дунейы тыхджындæр спортсментæ. Æдæппæтæй гауызмæ рацыди 17 къайы. Уый, уæгъдибар æмæ грекъаг-римаг хъæбысхæсты, стæй сылгоймæгты хсæн хъæбысхæсты минæвæрттæ. 5-æм профессионалон турниры хатдзæгтæм гæсгæ, ирыстойнаг спортсментæ цалдæр хатты схызтысты æппæты уæлдæр къæпхæнмæ. Турниры 5 хаты чемпионкæ дзы сси Кæсæбиты Алинæ. Иугонд командæйы раззагдæр уæвгæйæ ма ноджыдæр иу хатт равдыста йæ цæттæдзинад иттæг хорз кæй у, уый. Сæ ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз сты Уалыты Владислав æмæ Джамболат Кизимов дæр. Ирд æмæ цымыдисаг хъæбысхæст равдыста Баййаты Давид. Фæуæлахиз 6:0 хыгъдæй.

Кадджын уазджыты хыгъды турниры архайдтой олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Фадзайты Арсен, спортивон хъæбысхæсты федерацийы президент Михаил Мамиашвили, Уæрæсейы иугонд командæйы хистæр тренер Хуыгаты Алан, стæй Олимпаг хъæзтыты дыууæ хатты чемпион Роман Власов.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania