филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:00 среда, 15 мая 2024
30 ноября 2023, 11:21
Дзæуджыхъæуы кæронмæ иуварсгонд æрцыдысты тыхджын дымгæйы фæстиуджытæ

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – 26 ноябры горæт хъыгдард баййæфта æрдзон фыдбылызæй

Дзæуджыхъæуы кæронмæ иуварсгонд æрцыдысты тыхджын дымгæйы фæстиуджытæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм – 26 ноябры горæт хъыгдард баййæфта æрдзон фыдбылызæй. Тыхджын дымгæ систа бæстыхæйтты сæртæ, аскъуыдысты электрон тыхдæттæг телтæ, уый аххосæй нæ куыстой светофортæ, иуæй иу районты та нæ уыдис дон. Компани спецэкосервисы куыд фехъусын кодтой афтæмæй æппæт уынгты бафснайдтой сыфтæртæй, сцалцæг кодтой фæндаггон нысантæ æмæ светофортæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania