филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:27 пятница, 19 июня 2026
19 июня 2026, 10:31
Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг микрорайоны фæзынд ног æхсæнадон тыгъдад

Джыккайты Шамилы уынджы аив кæнынц территори

Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг микрорайоны фæзынд ног æхсæнадон тыгъдад. Джыккайты Шамилы уынджы аив кæнынц территори. Проектмæ хауы цалдæр тематикон зонæйы фæллад уадзынæн, спортæй архайынæн. Фидæны аллеяйы иумæйаг фæзуат у 7 мин квадратон метры. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Аразджытæ ныридæгæн бавнæлдтой ног бордюртæ æвæрынмæ, бæрæг дары фидæны аллеяйы хуыз. Мæскуыйаг микрорайоны Джыккайты Шамилы уынджы фæлладуадзæн зонæ бындуронæй ног кæнынц. Бирæ рæстæг æм зылд нæ уыд.

Зонæтæй иу снысан кодтой рæстæг сабыр уавæры æрвитынæн. Ам фæзындзæн тезгъогæнæн маршруттæ æмæ шахмæттимæ стъолтæ. Хицæн территори радих кодтой сывæллæттæн.

Активонæй фæллад уадзын кæй фæнды, уыдонæн уыдзæн спортивон фæз. Ам фæзындзæн мини-футболæн быдыр, воркауты зонæ æмæ теннисæн стъолтæ. Куыстытæ куы фæуой, уæд аллейæ суыдзæн зæрдæмæдзæугæ æхсæнадон тыгъдад. Уыдзæн дзы фæллад уадзын, спортæй архайын æмæ æппæт бинонтæй рæстæг æрвитын.

Фидæны аллеяйы фæзуат уыдзæн 7 мин квадратон метры. Ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн радих кодтой 49 милуан сомы бæрц. Куыстытæ фæуын ам фæнд кæнынц сæрды кæронмæ. Фæлладуадзæн зонæ фæзындзæн муниципалон программæ «Аивдзинад æмæ цъæх фæлыст»-мæ гæсгæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania