филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:08 среда, 01 мая 2024
10 января 2024, 11:22
Дзæуджыхъæуы мастер-план аразыны куыстытæ кæронмæ фесты

Гæххæт сфидар кодтой Хицауады, горæты администрацийы, хорзыл æй банымадтой Уæрæсейы Федерацийы арæзтады министрады

Дзæуджыхъæуы мастер-план аразыны куыстытæ кæронмæ фесты. Гæххæт сфидар кодтой Хицауады, горæты администрацийы, хорзыл æй банымадтой Уæрæсейы Федерацийы арæзтады министрады. Кæронбæттæн документмæ хаст æрцыд 138 проекты. Сæ нысан у горæты хæдзарады æппæт къабæзты райрæзт. 31 проекты радих кодтой, куыд фыццаградонтæ. Мастер-планы сæйрагдæр проекттæм гæсгæ фæнд кæнынц, раздæры завод «Электроцинчы» уылты ног магистралон фæндаг саразын, лыггæнинаг транспортон бынæттæ комплексон реорганизаци скæнын, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы бирæ инфраструктурон мадзæлттæ сæххæст кæнын,  инвалидты реабилитацийы бирæвæрсыг центр, стæй сфæлдыстадон кластер «Кинохроникæ» саразын. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Дзæуджыхъæуы мастер-планыл фарон бакуыста «ДОМ.РФ»-ы проектон хайад Президент Владимир Путины хæслæвæрдмæ гæсгæ. Документы авторты хъуыдымæ гæсгæ, Дзæуджыхъæу раздæрау у Цæгат Кавказы культурон æмæ ахуырадон центр. Цæрджытæн æнцонвадат, æмæ туристтæн цымыдисаг горæт.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania