филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:18 среда, 24 апреля 2024
30 ноября 2021, 14:39
Дзæуджыхъæуы мотодромы арæзт æрцыд командон чемпионат æмæ  фыццаг бынат бацахсыны республикон ерыстæ мотокроссæй

Æдæппæтæй турниры архайдтой 40 спортсмены Уæрæсейы алы регионтæй

Дзæуджыхъæуы мотодромы арæзт æрцыд командон чемпионат æмæ  фыццаг бынат бацахсыны республикон ерыстæ мотокроссæй. Æдæппæтæй турниры архайдтой 40 спортсмены Уæрæсейы алы регионтæй. Цæгат Ирыстоны кад дзы хъахъхъæдтой 10 спортсмены. Уыдоны хъуыди 2 километры трассæйыл ацæуын, трамплинтимæ æмæ æндæр цæлхдуртимæ. Мадзал саразджытæ сты нæ республикæйы спорты министрад æмæ автомотоспорты Федераци. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ спортивон мадзал арæзт æрцыд фæлхасадмæ цæстдарды управленийы домæнтæ æххæст кæнгæйæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania