филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:20 пятница, 03 мая 2024
22 января 2020, 17:10
Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег фембæлд горæты цæрджытимæ

Адæмы фылдæр тыхсын кодтой социалон æххуысы, куыст дæттыны, кæлæддзаг цæрæнуæтты фарстатæ

Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæргълæууæг Икъаты Русланбег фембæлд горæты цæрджытимæ. Адæмы фылдæр тыхсын кодтой социалон æххуысы, куыст дæттыны, кæлæддзаг цæрæнуæтты фарстатæ. Уымæй дарддæр ныхас кодтой хæдзæртты кæртыты аивдзинадыл, разамынддæттæг компанитыл æмæ æндæр ахсджиаг хъуыддæгтыл. Æппæт лыггæнинаг фарстатæм æркæсынæй зæрдæ бавæрдтой. Æрыгон адæмы хъæппæрисджын къорд та æркæсынмæ бахаста проект «Дзæуджыхъæу – арвы бын музей». Рауагъдад «Ир»-ы разамонæг Таутиаты Хъазыбег фехъусын кодта фæндон – горæты сæ рауагъдады продукциимæ киоск сæвæрын. Музыкалон инструменттæ аразæг Деметы Зауырбег та радзырдта йæ фидæнмæ нысанты тыххæй. Бæлвырддæр та йæ фæндид адæмон инструментты ансамбль саразын. Икъаты Русланбег æм лæмбынæг байхъуыста, æмæ йын организацион фарстатæ алыг кæнынæн баххуыс кæнынæй зæрдæ бавæрдта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania