филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:52 вторник, 30 апреля 2024
17 апреля 2024, 19:54
Дзæуджыхъæуы райдыдта йæ куыст кадастрон инженерты 10-æм æппæтуæрæсеон съезд

Мадзал байгом кодта Хицауады сæрдар Дзанайты Барис

Пленарон æмбырд, тематикон фæзтæ, раззагдæр экспертты раныхастæ. Дзæуджыхъæуы райдыдта йæ куыст кадастрон инженерты 10-æм æппæтуæрæсеон съезд. Мадзал байгом кодта Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. 400 архайæджы онг цалдæр боны ныхас кæндзысты профессионалон къабазы фарстатыл, иумæ архайдзысты сæ алыг кæныны гæнæнтæ ссарыныл, зонгæ кæндзысты кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ. Съезд æххæстгæнгæйæ, фæнд кæнынц сбæрæг кæнын, кадастрон архайды хæстæгдæр азты райрæзты вектор.  Мадзал аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй бæстæйы алы къуымтæй специалисттæ иу фæзы кæй сæмбырд сты, уый баххуыс кæндзæн куыст ахадгæдæр скæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania