филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:16 среда, 22 мая 2024
12 октября 2022, 11:59
Дзæуджыхъæуы райдыдта регионты хсæн конференци «Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад нырыккон ахуырады»

Йæ саразджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй ацы аз конференцийы архайджыты нымæц, фаронимæ абаргæйæ, сырæзт дыууæ хатты

Ахуырады кусджыты фæлтæрддзинад фылдæргæнæн институты райдыдта регионты хсæн конференци  «Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад нырыккон ахуырады». Йæ саразджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй ацы аз конференцийы архайджыты нымæц, фаронимæ абаргæйæ, сырæзт дыууæ хатты. Уый та дзурæг ууыл, æмæ Къостайы сурæт цымыдисдзинад кæй æвзæрын кæны се ппæтмæ дæр. Йæ уацмыстæ схонæн ис æнæмæлгæ культурон хæзнатæй. Æмæ сæ бамбарæн ис, йæ фæллæйттæ иртасгæйæ. Конференцийы сæйраг нысан у – кæрæдзийы фæлтæрддзинадимæ зонгæ кæнын æмæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад дарддæр æмæ бæстон иртасын. Наукон мадзалы архайдтой Цæгат Ирыстоны скъолаты хуыздæр ахуыргæнджытæ, педагогон институты наукон кусджытæ, Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты минæвæрттæ æмæ профилон факультеты студенттæ. Се ппæт дæр бацæттæ кодтой сæхи иртæстытæ æмæ практикæтæ. Уыдонæй пайда кæнынц сывæллттимæ ксугæйæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ конференци арæзт фæцæуы алы аз дæр, номдзыд поэты æмæ публицисты райгуырæн боны кадæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania