филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:59 пятница, 17 мая 2024
31 августа 2023, 13:40
Дзæуджыхъæуы райдыдта спортивон турнир «Кубок Дарьяла»

Æрвылазон республикон турнир мини-футболæй арæзт æрцыд ныр цыппæрæм хатт.

Дзæуджыхъæуы райдыдта спортивон турнир «Кубок Дарьяла». Æрвылазон республикон турнир мини-футболæй арæзт æрцыд ныр цыппæрæм хатт. Ацы аз чемпионы ном райсыныл ерыс кæнынц 12 командæйы. Фембæлдзысты дыууæ къорды. Турниры иумæйаг призы фонд у милуан сомæй фылдæр. Ерысты архайынц спорты ветерантæ, артисттæ, куыстуæтты минæвæрттæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, раздæры футболисттæ. Раздæр нæ бæстæйы хуыздæр командæты чи хъазыд, ахæм зындгонд спортсментæ. Мини-футболæй турнир фæуыдзæн сентябры. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ хъæзтытæ цæудзысты фæлладуадзæн бонты, Московскийы уынджы районы футболон фæзы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania