05 мая 2021, 12:58
Дзæуджыхъæуы райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы фæсивæды сæрдыгон Спартакиадæйы дыккаг къæпхæн
Ерысты архайынц Цæгат Кавказы 7 регионæй æвзонг спортсментæ
Дзæуджыхъæуы райдыдта уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы фæсивæды сæрдыгон Спартакиадæйы дыккаг къæпхæн. Ерысты архайынц Цæгат Кавказы 7 регионæй æвзонг спортсментæ. Спартакиадæ арæзт цæуы 5-æм хатт. Турнирмæ ссыдысты 100 адæймагæй фылдæрæй. Се хсæн 20 чызджытæ. Уыдон хъахъхъæнынц Цæгат Ирыстоны æмæ Дагестаны кад. Дзæуджыхъæуы ерыстæ сты æвзарæн къæпхæны хуызы. Уæлахиздзаутæ путевкæтæ райсдзысты Спартакиадæйы уæрæсеаг финалы архайынмæ. Ацæудзæн августы кæрон, Чувашийы.
темæмæ гæсгæ