филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:45 суббота, 04 мая 2024
01 декабря 2023, 11:32
Дзæуджыхъæуы райдыдтой Цæгат Ирыстоны Кубок рамбулыны ерыстæ аивадон гимнастикæйæ

Баст сты нæ бæстæйы сгуыхт тренер Дулаты Казимæйы ном ссарынимæ

Дзарасаты Саукуыдзы номыл спортивон комплексы райдыдтой Цæгат Ирыстоны Кубок рамбулыны ерыстæ аивадон гимнастикæйæ. Баст сты нæ бæстæйы сгуыхт тренер Дулаты Казимæйы ном ссарынимæ. Турнир сæмбырд кодта гимнасткæты Краснодары æмæ Стъараполы крайтæй, Саратовы облæстæй, Цæгат Ирыстонæй, Кæсæг-Балхъарæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Ерысты архайджытæ сæ арæхстдзинад æвдисынц къордгай æмæ хицæн программæйы. Советон Цæдисы сгуыхт тренер Дулаты Казимæйы ном хорз зонгæ у, фыццаджыдæр аивадон гимнастикæ канд рæсугъд спорты хуыз кæмæн нæу, уыдонæн нæ, фæлæ йæ цард кæмæн у, уыцы спортсментæн. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ турнир нæ бæстæйы нымад у тынг кадджыныл. Казимæйы фæрцы Цæгат Ирыстоны парахат кæнын райдыдта аивадон гимнастикæ. Тренерæй кусгæйæ, бацæттæ кодта Советон Цæдисы 30 спорты мастеры, стæй æппæтадæмон къласы 3 спорты мастеры. Дулаты Казимæ 25 азы разамынд лæвæрдта республикæйы аивадон гимнастикæйы федерацийæн. Хорзæхгонд æрцыд «Фæллойы тыххæй» майданæй æмæ «Кады нысаны» орденæй. Уымæй дарддæр ма уыд Цæгат Ирыстоны культурæйы сгуыхт кусæг дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania