филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:12 понедельник, 06 мая 2024
26 июля 2019, 17:00
Дзæуджыхъæуы разамынды æмæ æхсæнадон уæнгты минæвæрттæ æрныхас кодтой бæлццæттæ ласæн транспорты фарстатыл

Фембæлд арæзт æрцыд республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ.

Дзæуджыхъæуы разамынды æмæ æхсæнадон уæнгты минæвæрттæ æрныхас кодтой бæлццæттæ ласæн транспорты фарстатыл.
Фембæлд арæзт æрцыд республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæмæ гæсгæ. Уый амалхъом адæмы бартæ хъахъхъæнæг Медойты Тимурæн æмæ йе ххуысгæнæг Дзуццаты Батырбегæн бабар кодта маршрутон такситы шофырты æмæ транспортон куыстуæтты хъуыдытæм байхъусын. Уыдон куыд загътой, афтæмæй, бирæ æхца нæ кусынц. Уый баст у – маршрутыл æгæр бирæ транспорт кæй ис, уыимæ. Суанг ма бирæ шофыртæ цæттæ сты сæ куыст ныууадзынмæ, æмæ æндæр дæсныйадмæ рацæуынмæ. Фæлæ сын уый тыххæй хъæуы грантты æххуыс бакæнын. Бæлвырддæр та амалхъомдзинады чысыл формæтæ саразынæн. Æхсæнады æмæ хицаудзинады оргæнты кусджыты хъуыдымæ гæсгæ шофыртæ хъуамæ æххæстæй фидой хъалонтæ. Уымæй дарддæр ма лизингы программæты архайын, цæмæй сын фадат уа ног микроавтобустæ балхæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania