филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:17 суббота, 04 мая 2024
08 ноября 2022, 11:29
Дзæуджыхъæуы разамынды институты студент Гæзæлты Алыксандр сси Ирыстоны хуыздæр студенты ном хæссæг

Ныр, æрыгон лæппу Ирыстоны кад хъахъхъæндзæн  Уæрæсейы æмвæзады

Куыд дарддæр, афтæ фылдæр. Дзæуджыхъæуы разамынды институты студент Гæзæлты Алыксандр сси Ирыстоны хуыздæр студенты ном хæссæг.  Ныр, æрыгон лæппу Ирыстоны кад хъахъхъæндзæн  Уæрæсейы æмвæзады.  Алыксандримæ фембæлд Сосранты Жаннæ æмæ йын базыдта йæ ахуырмæ разæнгарддзинады миниуджытæ.

Гæзæлты Алыксандр абон тынг зæрдæргъæвдæй дзуры, йæ размæ вæрд  хæстæ æххæст кæныныл куыд кусы, уый тыххæй. Алыксандр скъолайæ архайы йæ царды фæндаг агурыныл. Никæмæ æнхъæлмæ кæсы, фæлæ йæхи хъарутæй агуры  йæ сæры зонд фылдæр кæнынæн хъуыддæгтæ. Æмбары йæ зонындзинæдтæ царды дуæрттæ гомгæнæг кæй сты, уый.

Алыксандримæ дзургæйæ, адæймаджы дисы æфтауы йæ уæздандзинад, æргом цæстæнгас. Институты дæр ын æрмæст йæ зонындзинæдтæн нæ аргъ кæнынц, фæлæ йæ адæймаджы миниуджытæн.

Адæймаджы удварны хæзнатæ раргом вæййынц, рæстæджы цыдимæ сыл æнæзивæгæй куыст куы фæцæуы, уæд. Гæзæлты Алыксандр дæр йæ рæстæг дзæгъæлы нæ сафы. Йæ алы ахуыргæнæгæй дæр æй фæнды райсын исты ног хъуыддаг.

Куыд дарддæр афтæ фылдæр. Дигорайы фыццæгæм скъолайы ахуырдзау, Дзæуджыхъæуы разамынды институты студенты цард æмæ фыдыбæстæмæ уарзондзинад, фидæны æхсæнадæн пайдайаг суæвыны разæнгарддзинад, сты  бафæзминаг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania