04 сентября 2026, 13:31
Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты 28 ног æрлæууæн павильоны
Сæ фылдæр уыдзысты Дзæуджыхъæуы сæйраг хайы
Дзæуджыхъæуы сæвæрдзысты 28 ног æрлæууæн павильоны. Уый тыххæй фехъусын кодта горæты администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Сæ фылдæр уыдзысты Дзæуджыхъæуы сæйраг хайы. Сæ хыгъды – Къостайы проспекты, Ватутины, Куйбышевы æмæ инæлар Плиты Иссæйы уынгты. Нырыккон æрлæууæнтæ æххæст уыдзысты видеоцæстдарды системæтæй, чырæ телефонтæ ифтындзынæн фæрæзтæй æмæ æхсæнадон транспорты маршрутты бæрæггæнæнтимæ информацион таблотæй. Уымæй фæстæмæ ма фæнд кæнынц, ныридæгæн цы объекттæ ис, уыдонæй се ддаг бакаст æмæ техникон уавæр зæрдæмæдзæугæ кæмæн у, уыцы конструкцитæ ахæссын иннæ районтæм. Сæвæрдзысты сæ, æрлæууæнтæ кæм нæ уыд, кæнæ та чи нал бæззы, уыцы павильонты бынаты.




