филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:42 воскресенье, 12 мая 2024
17 мая 2021, 12:16
Дзæуджыхъæуы сбæрæг кодтой æрыгон æвзарæджы бон

Спортивон-интеллектуалон мадзалы архайдтой партиты минæвæрттæ

«Æвзæрстыты хъуамæ архайой фæсивæд». Ахæм хъуыды расидтысты Дзæуджыхъæуы активон лæппутæ æмæ чызджытæ. Афтæмæй сбæрæг кодтой æрыгон æвзарæджы бон, æмæ æрæмбырд сты Къесайы-фырты уынджы Терчыбылгæрон. Спортивон-интеллектуалон мадзалы архайдтой партиты минæвæрттæ. Лæвæрдтой фæрстытæ æвзарæн барты тыххæй. Сæйрагдæр хъуыддаг уыди – хъæлæс кæныны фæтк. Интеллектуалон ерысы баллтæ æрæмбырд кæнгæйæ, дарддæр мадзалы архайджытæ ацыдысты спортивон нормативтæ дæттынмæ. Уæлахиздзауты сбæрæг кодтой баллты хыгъдмæ гæсгæ, æмæ сын ракодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Зæгъдзыстæм уый дæр, æмæ æрыгон æвзарæджы бон арæзт фæцæуы февралы. Фæлæ эпидемиологон уавæр хынцгæйæ, бæрæгбон аргъæвтой 16-æм маймæ. Ацы бон бæрæг кæнынц, сæрмагондæй барадон культурæ фæуæлдæр кæныны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania