филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:30 пятница, 19 июня 2026
22 апреля 2026, 11:26
Дзæуджыхъæуы скъолатæ архайынц терроризмы ныхмæ æппæтуæрæсеон ахуырты

Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ алы ахуыргæнæндоны дæр – æнæнхъæлæджы уавæр

Дзæуджыхъæуы скъолатæ архайынц терроризмы ныхмæ æппæтуæрæсеон ахуырты. Æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ алы ахуыргæнæндоны дæр – æнæнхъæлæджы уавæр. Зæгъæм, сценаримæ гæсгæ 28-æм скъолайы территоримæ бацыд гæрзифтонг адæймаг. Ахуырдзаутæ æмæ педагогтæ архайдтой инструкцимæ гæсгæ: кълæсты дуæрттæм быцæутæ сарæзтой æмæ бамбæхстысты, мæнг фыдракæнæджы та Уæрæсейы гвардийы кусджытæ оперативонæй бауырæдтой Ахуырты 2-æм хайы та бакуыстой уæлдæфæй куыд архайын хъæуы, ууыл. æрхъуыдыгонд цаумæ гæсгæ скъолайы бæстыхайыл æрхауд æнæпилотон тæхæн аппарат. Цыбыр рæстæгмæ скъоладзауты æмæ ахуыргæнджыты ракодтой æдас зонæтæм – актон залмæ æмæ пъадвалы агъуыстытæм. Специалисттæ куыд загътой, афтæмæй ахæм тренировкæтæ æххуыс кæнынц æнæнхъæлæджы уавæрты архайды алгоритмыл бакусын, сывæллæтты æмæ педагогты сахуыр кæнын хи раст дарыныл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania