филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:33 понедельник, 13 мая 2024
18 сентября 2019, 17:20
Дзæуджыхъæуы скъолаты æмæ рæвдауæндæтты хæцгæ низтæ апарахат сты

Уыцы информаци Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг службæйы растыл нæ нымайынц.

Дзæуджыхъæуы скъолаты æмæ рæвдауæндæтты хæцгæ низтæ апарахат сты, зæгъгæ, уыцы информаци Уæрæсейы фæлхасадмæ цæстдарды цæгатирыстойнаг службæйы растыл нæ нымайынц.

Ныййарджыты тыхст уавæр бæрæг у, социалон хызты. Адæм кæрæдзимæ фыссынц, зæгъгæ, кълæсты фылдæр æмбис сты рынчынн. Сæ информацимæ гæсгæ, республикæйы низы бæрæггæнæнтæ ахызтызты нормæйæ, æмæ йæ схонæн ис эпидеми. Фæлæ, куыд рабæрæг, афтæмæй раст нæу. Информаци у мæнг. Специалисттæ зæгъынц, ныййарджытæ дзæгъæлы кæй тыхсынц. Ахуыргæнæндæтты æцæгæйдæр ис рынчынтæ, фæлæ сæ аххосаг у, кæй суазал сты, уый. Ацы уавæр у хуымæтæг. Сезонты хсæн арæх вæййы. Уымæн æмæ хъармгæнæн сезон нæма райдыдта, изæры та вæййы уазалгомау. Дохтыртæ сидынц адæммæ, цæмæй гриппы ныхмæ рагацау скæной прививкæтæ. Вакцинаци ныридæгæн райдыдта.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania