филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:38 воскресенье, 19 мая 2024
30 мая 2023, 11:52
Дзæуджыхъæуы спорты Галуан «Манеж»-ы байгом Фидараты Аслæнбеджы номарæн фестиваль спортивон хъæбысхæстæй

Ерыстæ цæуынц 2009-2010-æм азты гуырд лæппуты хсæн

Дзæуджыхъæуы спорты Галуан «Манеж»-ы байгом Европæйы чемпион уæгъдибар хъæбысхæстæй Фидараты Аслæнбеджы номарæн фестиваль спортивон хъæбысхæстæй. Турнир байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой Дзæуджыхъæуы муниципалон сконды сæрдар Александр Пациорин, бынæттон администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Ходы Мæдинæ, стæй Фидараты Аслæнбеджы бинонтæ æмæ хиуæттæ. Ерыстæ цæуынц 2009-2010-æм азты гуырд лæппуты хсæн. Сæ тых, хъару æмæ спортивон цæттæдзинад гауызыл æвдисынц 250 æвзонг спортсмены Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй, Стъараполы крайæ æмæ Хуссар Ирыстонæй. Ходы Мæдинæ куыд загъта, афтæмæй фестиваль нырма у хæрзæрыгон, фæлæ ныридиæгæн дæр йæ арæнтæ фæуæрæхдæр сты. Фидарæй зæгъæн ис уый, æмæ гауызмæ чи рацыд, уыцы æвзонг лæппутæ кæддæриддæр сæ зæрдыл дардзысты æмæ хъуыды кæндзысты, чи уыди Фидараты Аслæнбег, æмæ йæ номыл фестиваль цæмæн арæзт æрцыд, уый. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ спортивон хъæбысхæсты фестиваль саразыныл бакуыста Дзæуджыхъæуы администрацийы фæсивæдон политикæйы, физкультурæйы æмæ спорты комитет.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania