филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:54 понедельник, 02 ноября 2026
06 октября 2026, 10:53
Дзæуджыхъæуы стырдæр артаджы станцæты кусын райдайдзысты волонтертæ

Сæ архайдæн сын æрвылбон  разамынд дæтдзæн црæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад

Дзæуджыхъæуы стырдæр артаджы станцæты кусын райдайдзысты волонтертæ. Сæ архайдæн сын æрвылбон  разамынд дæтдзæн црæнуæтты-коммуналон хæдзарады министрад, фехъусын кодта аппаратон æмбырды министры хæстæ æххæстгæнæг Хъараты Тимур. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæнæм, волонтерты архайд  артаджы станцæты кæныны фæндон бахаста республикæйы сæргълæууæг, цæмæй сæ цæст дарой рады чи лæууы, уыдонмæ. Республикæйы хицауады сæргълæууæг Дзанайты Барис та уавæрмæ аздæхта транспорты комитеты сæргълæууæджы ргом. Бирæ хъæстытæ республикæйы цæрджытæй цæуы  бæлццæттæ ласæн транспорты графиктæ кæй халынц, ууыл. Хицауады сæрдар ма бæрнон структурæты æргом аздæхта æрсытæ кæй фæзынд хъæутæм хæстæг, уымæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania