филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:56 суббота, 27 апреля 2024
27 марта 2024, 11:58
Дзæуджыхъæуы сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзты фарстатыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды

Амыдта йæ премьер-министр Дзанайты Барис

Дзæуджыхъæуы сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзты фарстатыл æрныхас кодтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ премьер-министр Дзанайты Барис. Архайдтой дзы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн, финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег, паддзахадон исбоны æмæ зæххы ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан, Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав æмæ æндæр бæрнон кусджытæ. Хицауады сæрдар куыд загъта, афтæмæй сыгъдæггæнæн кусæнгæрзты рацарæзт у тынг ахсджиаг æмæ актуалон фарста. Ныртæккæ цы дондзæуæн хызтæ кусынц, уыдон арæзт æрцыдысты ивгъуыд æнусы 80-йæм азты. Ныртæккæ сæ фылдæр сты æдзæллаг уавæры. Дзæуджыхъæуы инфраструктурæ куыд рæзы, афтæ фылдæр уаргъ æвæрд цæуы дондзæуæн хызтыл. Уымæ гæсгæ нæ хъæуы нырыккон сыгъдæггæнæн системæ саразын. Уыимæ – ног технологитæй пайда кæнгæйæ. Цæмæй Дзæуджыхъæуы дондзæуæн хызты куыст рацæуа уæлдæр æмвæзадмæ. Къæпхæнгай, республикæйы разамонæг Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ, æппæт районты цæуы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады системæйы рацарæзт, – загъта премьер-министр. Æмбырды кæронбæттæн Дзанайты Барис радта цалдæр амынды, дондзæуæн хызты рацарæзтæн проектон-сметон документаци бацæттæ кæныны тыххæй. Уыцы куыст райдайдзæн, куыддæр паддзахадон унитарон куыстуæт «Владсток» республикæйы исбонмæ хаст æрцæуа, атфæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania