филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:12 пятница, 17 мая 2024
03 августа 2022, 10:15
Дзæуджыхъæуы тренировкæтæгæнæн æмбырд æххæст кæнынц грекъаг-римаг стилы хъæбысæйхæцджытæ

Уæрæсейы юниорты иугонд командæйы спортсментæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæгатирыстойнаг фæз бæрнон ерыстæм цæттæ кæнынæн у æппæтæй хуыздæр

Дзæуджыхъæуы тренировкæтæгæнæн æмбырд æххæст кæнынц грекъаг-римаг стилы хъæбысæйхæцджытæ. Уæрæсейы юниорты иугонд командæйы спортсментæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæгатирыстойнаг фæз бæрнон ерыстæм цæттæ кæнынæн у æппæтæй хуыздæр. Ис дзы хъæугæ уавæртæ. Ныртæккæ юниортæ цæттæ кæнынц Уæрæсейы тыхджындæр спортменты спартакиадæмæ. Кæм æмæ кæд уыдзæн, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Æмбырдты фыццаг бонтæ се *ппæтæй уæззаудæр сты. Цæуы ног залимæ æмæ уаргъæвæрдимæ зонынгæнæн куыст. Уый хынцгæйæ, Мæрзойты Аскарæн иугонд командæйы иннæ спортсментимæ абаргæйæ æнцондæр у. Хъæбысхæсты академийы залы уавæртимæ хорз зонгæ у, ам райдыдта йе спортивон карьерæ. Дыккаг аз ис бæстæйы юниорты иугонд командæйы хыгъды, у уæрæсейаг ерысты призер. Йæ бæрæггæнæнтæ хуыздæрæй хуыздæр кæнынц. Фароны бронзæ раивта æвзистæй.

Дзæуджыхъæуы юниортæ хъуамæ цæттæ кодтаиккой дунейы чемпионатмæ. Фæлæ æппæтадæмон турнирты архайыны бар кæй нæй, уый тыххæй бахъуыд къæлиндармæ ивдзинæдтæ бахæссын. 11-æм августы спортсментæ Назраны архайдзысты Уæрæсейы Хъæбатыр Алихан Калиматовы номыл æппæтадæмон турниры. Ныртæккæ сæрмагондæй уыцы ерыстæм цæттæ кæнынц. Мæйы кæрон та цалдæр юниоры ацæудзысты бæстæйы тыхджындæр спортсменты спартакиадæмæ. Бабочиты Имран райста Хъазанмæ балцæг мартъийы Уæрæсейы чемпионаты кæй фæуæлахиз, уый фæрцы. Татарстаны фыццаг хатт хæцдзæн хистæр кары спортсментимæ.

Ныртæккæ спортсментæ кæнынц спаррингтæ, кусынц техникæйыл, анализ кæнынц сæ цæттæдзинадæн. 2 къуыримæ хъæбысæйхæцджытæ хъуамæ иттæг хорз кæной се ппæт приемтæ æмæ райсой хъæугæ спортивон формæ.

Спортсментæ куыд зæгъынц, афтæмæй Олимпмæ фæндагыл фæтых уыдзæн фæразон, ныфсхаст æмæ хъæддых адæймаг. 2 къуырийы цæттæдзинад Цæгат Ирыстоны у уыцы фæндаджы æрмæст иу хай

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania