филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:53 понедельник, 02 ноября 2026
02 октября 2026, 14:38
Дзæуджыхъæуы цæуы форум «АрхАлания»

Форумы ныхас кæнынц, Цæгат Ирыстоны хъæутæн æмæ горæттæн хæстæгдæр азты цы хуыз уыдзæн, ууыл

Архитектортæ, аразджытæ, амалхъом адæм, проекттæ аразджытæ, профилон факультетты студенттæ. Куыд ма хъусын кодтам, афтæмæй архитектурæйы аз æххæст кæнгæйæ, дыууæ боны Дзæуджыхъæуы цæуы форум «АрхАлания». Йæ темæ – «Точка отсчета». Форумы ныхас кæнынц, Цæгат Ирыстоны хъæутæн æмæ горæттæн хæстæгдæр азты цы хуыз уыдзæн, ууыл. Форумы архайджыты раз раныхас кодта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Раарфæ кодта ацы къабазы хуыздæр минæвæрттæн, æмæ загъта, сæ размæ кæй сæвæрдтой — историон хуыз бахъахъхъæныны хæс. Уыимæ саразын нырыккон æмæ æнцонвадат уавæртæ цæрынæн. Регионы разамонæгæн Уæрæсейы архитекторты Цæдисы номæй лæвæрд æрцыд диплом. Кадджын хæрзиуæг ын радта организацийы разамонæг Николай Шумаков. Форум «АрхАлания» сæмбырд кодта архитекторты, горæтаразджыты, хицауады, бизнесы æмæ профессионалон æхсæнады минæвæртты. Бакуыстой ма хъæздыг программæйыл. Уынгты фестиваль Сабырдзинады проспекты, равдыстытæ, хуызистыты проекттæ æмæ ма бирæ æндæр мадзæлттæ. Форум сси хорз фæз ног хъæппæристæн архитектурæйы æмæ горæтаразыны къабазы. Архайыны фадат дзы ис алкæмæн дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania