филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:30 пятница, 03 мая 2024
26 апреля 2023, 12:07
Дзæуджыхъæуы цæуы сыгъдæг Нинæйы аргъуаны рацарæзт

Бæстыхай у историон, сарæзтой йæ 1898-æм азы, бирæ рæстæг уыд кæлæддзаг уавæры

Дзæуджыхъæуы Церетелийы уынджы цæуы сыгъдæг Нинæйы аргъуаны рацарæзт. Бæстыхай у историон, сарæзтой йæ 1898-æм азы. Бирæ рæстæг уыд кæлæддзаг уавæры. Уырнæг адæмы мысайнæгты фæрцы аргъуан райдыдтой ног кæнын. Куыстытæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

1888-æм азы ноябры Дзæуджыхъæуы байгом Гуырдзиаг скъола. Бындур ын сæвæрдтой æхсæнадон архайæг Михаил Кипианийы хъæппæрисæй. 10 азы фæстæ Гуырдзиаг æхсæнад рахаста, ахуыргæнæндоны арæнтæ фæпарахатдæр кæныны уынаффæ æмæ ам саразын сыгъдæг Нинæйы номыл аргъуан. Революцийы фæстæ 30-æм азты йæ сæхгæдтой æмæ дзы скодтой скъолайы актон зал. Ахуыргæнæндонæн национ контекст нал уыд. Сси хуымæтæг горæтаг скъола. Радтой йын 19-æм номер. 2012-æм азы та райдыдта Гуырдзиаг аргъуан ног кæныны процесс.

Горæты администрацийы, 19-æм скъолайы разамынды æмæ Дзæуджыхъæуккаг епархийы *хсæн бадзырдмæ гæсгæ, аргъуаны райдыдтой æдзух аргъуыдтæ аразын. 2015-æм азы январы ам фыццаг хатт уыд Цыппурсы аргъуыд. Ивгъуыд азы кæрон та райдыдта егъау реконструкци. Кæд бæстыхай кæлæддзаг уыд, æмæ дзы хъармгæнæн системæ нæ куыста уæддæр аргъуаны æдзух æмбырд кодтой уырнæг адæм. Литургийы рæстæг-иу сæвæрдтой хъармгæнæнтимæ палаткæ, дзуры аргъуаны протоирей Георгий. Уалдзæг куы ралæууыд, уæд фенцондæр. Горæты администрацийы æххуысæй та ма бантыст балхæнын æмæ сæвæрын инженерон коммуникацитæ.

Ныридæгæн аргъуаны сæххæст кодтой бындур æмæ къултæ фидаргæнæн куыстытæ. Ам ахсджиаг у, арæзтады хицæндзинад бахъахъхъæнын, зæгъы подрядчик. Алы агуыридур дæр у æвдисæн бирæ азты историйæн.

Реконструкцийы иннæ къæпхæн – бæстыхайы сæр сног кæнын æмæ разуынды реставраци. Дарддæр райдайдзысты мидæггаг хаймæ зилын. Фæнд дзы кæнынц снысан кæнын бынат аргъуаны хорæн æмæ уæлæмхасæн агъуыстæн. Реконструкци кæд фæуыдзæн, уый нырма бæрæг нæу. Уый аразгæ у адæмы мысайнæгтæй. Йе *ххуысы хай у алкæйы бон дæр бахæссын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania