Архайы дзы 60 адæймаджы бæстæйы 12 регионæй. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хыгъды ис 11 спортсмены
Дзæуджыхъæуы цæуы, Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны турнир фехтованийæ, йæ астæуыхъæд хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты хсæн. Архайы дзы 60 адæймаджы бæстæйы 12 регионæй. Цæгат Ирыстоны иугонд командæйы хыгъды ис 11 спортсмены. Турниры архайджытæ ерыс кæнынц 2 кары категорийы. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.
Бестауты Хетæг цæттæ кæны спортивон фæзмæ рацæуынмæ. Йæ астæуыхъæд хъыгдард кæмæн у, ахæм спортсменты хсæн Уæрæсейы фыццаг бынат бацахсыны турнир фехтованийæ йын радон ерыс нæу, фæлæ йæ хъарутæ бæстæйы тыхджындæр атлеттимæ бафæлварыны фадат. Хетæг 11 спорстмены хыгъды хъахъхъæны республикæйы кад. Фехтованийæ архайы 7 азы. Ис æм алы æмвæзады ерысты архайды фæлтæрддзинад. Ацы турниры дæр йæ арæхстдзинад æвдисы 5-æм хатт.
Республикæмæ ссыдысты 60 тыхджындæр спортмены бæстæйы 11 регионæй. Азæй-азмæ архайджыты георграфи парахатдæр кæны. Дунейы ныры чемпион Вадим Шенфельд æрбацыд Новосибирскæй. Ацы ерысты архайы 6-æм хатт. Профессионалон спорты ис 9 азы æмæ дзы фидар бынат бацахста. Йæ хыгъды ис алы турнирты уæлдæр хæрзиуджытæ. Куыд зæгъы, афтæмæй сæйраг паралимпаг майдан суыдзæн йæ коллекцийы хæзна. Уымæ гæсгæ ахадгæйæ тренировкæ кæны. Ацы турниры фæстæ райдайдзæн Европæйы чемпионатмæ цæттæ кæнын.
Программæйы ис 2 кары категорийы. 17 азы онг лæппутæ æмæ чызджытæ сæ арæхстдзинад æвдисынц рапирæ æмæ шпагæйæ. 23 азы онг юниортæ æмæ юниоркæтæ та — 3 хуызы дисциплинæйы. Ерыстæ фæуыдзысты 12-æм сентябры.
Ацы турнир 2019-æм азæй фæстæмæ арæзт цæуы æрвылаз. Спортсментæн дæтты, сæхи равдисыны, æмæ бæстæйы тыхджындæр атлеттимæ ерыс кæныны фадат.




