филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:47 пятница, 19 июня 2026
19 марта 2026, 10:35
Дзæуджыхъæуы цæуынц Терчы цæугæдоны донвæд сыгъдæг кæныны мадзæлттæ

Куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты Сырхгвардион æмæ Цæнгæт хидты бын, ныр та цæуынц хид Кладкæйы бын

Дзæуджыхъæуы цæуынц Терчы цæугæдоны донвæд сыгъдæг кæныны мадзæлттæ. Куыстытæ æххæстгонд æрцыдысты Сырхгвардион æмæ Цæнгæт хидты бын, ныр та цæуынц хид Кладкæйы бын. Алкæцы хиды бын дæр донвæд ссыгъдæг кæндзысты фæйнæ 100 метры уæлæрдæм æмæ уыйбæрц дæлæрдæм. Ацы хъуыддаг ахсджиаг у, цæмæй дон æнæ къуылымпыйæ цæуа, æмæ хиды цæджындзтæ ма хæра, уымæн. Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй цалынмæ донивылдтыты рæстæг нæ райдайа, уæдмæ фæнд кæнынц ахæм куыстытæ сæххæст кæнын, сæ бæрны цы хидтæ ис, уыдонæй се *ппæты бын дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania