филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:34 среда, 08 мая 2024
22 марта 2022, 16:48
Дзæуджыхъæуы уыд алайнаг хъаматæй хæцыны турнир

Бацархайдта дзы 30 спортсмены –  3 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ

Дзæуджыхъæуы уыд алайнаг хъаматæй хæцыны турнир «Æхсаргард». Бацархайдта дзы 30 спортсмены –  3 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ.  Ерыстæ саразæг клуб «Аскалон» фæнд кæны ацы спорты хуыз республикæйы парахат кæнын.  Турниры архайджыты ныхæстæм гæсгæ пайдайаг у адæймаджы удыхъæд фидардар кæнынæн, стæй алы уавæрæй рацæуынæн гæнæн ссарынæн. Уæвгæ, ерыстæ арæзт æрцыдысты номинаци «Сабля и щит»-ы. Конд æрцыдысты дыккаг хатт.  Хъаматæй нырыккон хæст  у, Уæрæсейы кæй æрхъуыды кодтой, ахæм тохы хуыз.  Йæ архайджытæ архайынц æдас хъаматæй, сæрмагонд уæлæдарæсы. Ерысты цыдмæ сæ цæст дардтой хъаматæй нырыккон  тохы федерацийы минæвæрттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania