05 февраля 2025, 10:41
Дзæуджыхъæуы уыд донорты акци
Арæзт æрцыд онкологон низтимæ тох кæныны æппæтдунеон бонмæ
Дзæуджыхъæуы уыд донорты акци. Арæзт æрцыд онкологон низтимæ тох кæныны æппæтдунеон бонмæ. Уæззау рынчынтæн баххуыс кæныны хъуыдыимæ туг дæттыны станцæмæ æрбацыдысты æрыгон гвардионтæ æмæ проект «Твой ход»-ы архайджытæ. Акцийы нысан у, æхсæнады æргом раздахын туг кæй нæ фаг кæны, уыцы фарстамæ, æмæ адæммæ фæсидын, цæмæй ацы хъуыддаджы ахадгæдæрæй архайой. Мадзал сарæзтой «Иугонд Уæрæсейы Æрыгон Гварди» æмæ проект «Твой ход»-ы регионалон минæвæрттæ.




