филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:55 понедельник, 20 мая 2024
15 декабря 2020, 12:33
Дзæуджыхъæуы уыд хъаматæй хæцынæй ерыстæ

Ацы аз ма ерыстæм хаст æрцыд ног дисциплинæ — «Алайнаг хъама»

Дзæуджыхъæуы уыд хъаматæй хæцынæй ерыстæ. 5 азæй 17 азы он кæуыл цæуы, уыдон сæ арæхстдзинад æвдыстой 26-æм скъолайы. Ацы аз ма ерыстæм хаст æрцыд ног дисциплинæ — «Алайнаг хъама». Фидæны фæнд кæнынц республикæйы хъаматæй тох кæныны спорты хуыз парахат кæнын, йæ ахадындзинад ын фæбæрзонддæр кæнын. Спотсментæм разæй æнхъæлмæ кæсы Æппæтуæрæсеон турнир. Бæлвырддæр радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Турнир райдыдта æртæ чъирийæ Хуыцаумæ скувынæй, уый фæстæ нырыккон æмæ ирд хъаматой тох – «Нарты тох». Спорты ацы хуыз у ног, фæлæ уыцы-иу рæстæг дунейы парахат. Фæсивæд сæхи банкъарынц æцæг хæстонтæй. Зæгъæн ис, æмæ спорты ацы хуыз у историйы иу хай. Джызойты æфсымæртæ ацы спорты хуызы сты, клуб «Аскалон»-нæн бындур æвæрд куы æрцыди, уæдæй фæстæмæ. Цыппар азæй дзы фылдæр хъомыл кæнынц фидæны хотыхдарты. Уыцы рæстæгмæ æфсымæртæн сæ къухы бафтыди дунейы аренæйы сæхи базонын кæнын. Фарон 22 бæстæйы минæвæртты хсæн сæ категориты нымад æрцыдысты хуыздæртыл. Куыд зæгъынц, афтæмæй æрмæст тыхæй хъуыддаг нæ сырæздзæн.

Ацы хатт сæ арæхстдзинад æвдыстой алы кары 30 лæппуйы. Сæйраг хæс у – минут æмæ æрдæгмæ куыд гæнæн ис, афтæ фылдæр хатты мысанмæ ныццæвын. Уый хуымæтæг хæс нæу. Фæлæ 21-æм æнусы у æнцондæр, уымæн æмæ спортсментыл ис сæрмагонд уæлæдарæс. Уæвгæ, хъаматæй тох цæфтæ райсынæй тæссаг нæу. Александр Алексеев бирæ азты архайы историон реконструкцийы, æмæ æцæг хъама иу æмæ дыууæ хатты нæ уыди йæ къухы. Ныр та æрбацæуы йæ фырттæм бакæсынмæ. Хистæрмæ фæлтæрддзинад фылдæр ис, секцимæ цæуы æппæты райдианæй. Кæстæрæн та йе спортивон фæндаг нырма ныр райдыдта.

Спорты ацы хуыз у тыхджынтæн, арæхстджынтæн, зондджынтæн æмæ удыхъæдæй фидар адæмæн. Нырыккон хъаматæй тох Цæгат Ирыстоны парахат кæндзæни дарддæр, зæгъынц турнир аразджытæ. Фидæнмæ сæм ис бирæ фæндтæ æмæ нысантæ. Ныртæккæ та уал цæттæ кæнынц æппæтуæрæсеон чемпионатмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania