29 февраля 2024, 14:31
Дзæуджыхъæуы уыд муниципалон турнир шахмæттæй «Белая ладья-2024»
Фыццаг бынат бацахстой æвзонг гроссмейстертæ 46-æм скъолайæ
Дзæуджыхъæуы уыд муниципалон турнир шахмæттæй «Белая ладья-2024». Ерыстæ уыдысты горæты уæлæмхасæн ахуырады центр «Сывæллæтты сфæлдыстады скъола»-йы структурон дæлхайады бындурыл. Турниры архайдтой 15 командæйы Дзæуджыхъæуы скъолатæй. Фыццаг бынат бацахстой æвзонг гроссмейстертæ 46-æм скъолайæ, дыккаг – 40-æм скъолайæ, æртыккаг та – 5-æм гимназæй. Схорзæхджын сæ кодтой кубоктæй, кады гæххæттытæй æмæ майдантæй. Ерыстæ арæзт æрцыдысты æртыккаг хатт. Уæлахиздзаутæ архайдзысты турниры республикон къæпхæны.
темæмæ гæсгæ