филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:47 четверг, 25 апреля 2024
29 ноября 2022, 17:08
Дзæуджыхъæуы уыд республикæйы чемпионат джиу-джитсуйæ

Бацархайдта дзы 170 адæймагæй фылдæр Ирыстоны æппæт районтæй

Дзæуджыхъæуы уыд республикæйы чемпионат джиу-джитсуйæ. Бацархайдта дзы 170 адæймагæй фылдæр Ирыстоны æппæт районтæй. Сæ тыхтæ дзы æвдыстой куыд фæлтæрдджын спортсментæ, афтæ фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, ахæмтæ.  Егъау ерысты  канд нысангонд клубты минæвæрттæ нæ уыдысты, фæлæ ма æндæр федерациты, æмæ æхсæнадты уæнгтæ. Сæйраг домæн уыд – ерысты хæслæвæрдтæ æххæст кæнын. Уæвгæ ацы фембæлд уыд æвзарæн. Хуыздæр спортсментæ архайдзысты Цæгат Кавказы федералон зылды ерысты ацы спорты хуызæй.  Уыдон дæр арæзт æрцæудзысты Дзæуджыхъæуы декабры.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania