филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:29 пятница, 03 мая 2024
22 ноября 2023, 11:28
Дзæуджыхъæуы уыд спортивон туризмæй чемпионат

Балцы домæнтæм гæсгæ, архайджытæ хызтысты алыхуызон цæлхдурты сæрты

Цæуыны фæрæзтыл дистанцæ. Дзæуджыхъæуы уыд спортивон туризмæй чемпионат. Мадзал фыццаг хатт арæзт æрцыд. Велотуризм у ног дисциплинæ. Схызт, æрхызт, быру æмæ дзыхъхъытæ. Балцы домæнтæм гæсгæ, архайджытæ хызтысты алыхуызон цæлхдурты сæрты. Æвдыстой, транспортыл цæуын куыд зонынц, уый æмвæзад. Сæйраг хæс уыд – ма фæцудын. Чемпионат арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны спорты министрады, спортивон цæттæдзинады центры æмæ спортивон ориентаци кæныны федерацийы æххуысæй. Фæнд кæнынц ерыстæ æрвылазон скæнын æмæ сын сæ географи фæуæрæхдæр кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania