филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:52 пятница, 19 июня 2026
18 апреля 2026, 09:46
Дзанайты Барис æмæ Алыбекты Эллæ Пятигорскы архайдтой æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты Æппæтуæрæсеон æмбырды

Зонындзинæдты Центр «Машук»-ы ныхас цыд социалон къабазы хъомыс фæбæрзонддæр кæныныл

Дзанайты Барис æмæ Алыбекты Эллæ Пятигорскы архайдтой æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты Æппæтуæрæсеон æмбырды. Зонындзинæдты Центр «Машук»-ы ныхас цыд социалон къабазы хъомыс фæбæрзонддæр кæныныл. Фембæлды архайдтой Уæрæсейы рухстауынады министр Сергей Кравцов, экономикон рæзты министр Максим Решетников. Федералон проект «Фæллойы ахадæн» æххæст кæнынæн 2025-æм азы рауæлдай кодтой æртæ миллиарды æмæ 500 милуан сомы. Уыдонæй бафыстой педагогты куысты мызд, спайда кодтой ахуырадон организациты, инфраструктурæйы модернизацийы æмæ ахуырады хæрзхъæддзинады. 2030-æм азмæ фæнд кæнынц 100 миллиард сомы онг радих кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania