филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:36 воскресенье, 19 мая 2024
09 июня 2023, 11:16
Дзанайты Барис фембæлд Уæрæсейы спорты министры фыццаг хæдивæг Азат Кадыровимæ

Цæгат Ирыстоны ис кусæг балцы

Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис фембæлд Уæрæсейы спорты министры фыццаг хæдивæг Азат Кадыровимæ. Цæгат Ирыстоны ис кусæг балцы. Бæрнон кусджытæ æрныхас кодтой дарддæры æмгуыстады фарстатыл. Стыр æргом аздæхтой нæ республикæйы спортивон инфраструктурæйы æмæ дзыллон спорты рæзтмæ. Уымæй дарддæр – спортсменты æмæ тренерты æххуысмæ, стæй профилон куыстуæтты материалон-техникон ифтонгдзинадмæ. Уæвгæ та кусæг фембæлды боны фæткмæ рахастой сæйрагдæр фарста – национ проект «Демографи»-йы федералон программæ «Спорт – норма жизни» Цæгат Ирыстоны куыд æххæстгонд цæуы, уый. Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй физкультурæйы рæзт æмæ дзыллон спорт парахат кæнын нæ регионы разамынд нымайы æхсджиагдæр хъуыддæгтæй иуыл. Ахæм хæс бæрнон кусджыты раз сæвæрдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ныртæккæ æппæт районты кусынц спортивон объекттæ, физкультурон-дзæбæхгæнæн комплекстæ, гом фæзтæ. Уымæй дарддæр цæуы нырыккон спортивон объектты арæзтад. Царды уадзынц 12 объекты 3 миллиард сомы аргъ. Уæлдай æргом аздæхтой федералон проект «Бизнес-спринт (Я выбираю спорт)»-мæ. Уый æххæст кæнгæйæ, «зондджын фæзтæ» сæвæрдзысты Сунжæйы æмæ Мæздæджы. Ацы аз ма Дзæуджыхъæуы аразын райдайдзысты нырыккон спортивон комплекс. Фадат дзы уыдзæн классикон æмæ нымæцон спорты хуызтæй архайынæн. Дзанайты Барис ма архайдта Азат Кадыровы æмæ Уæрæсейы инвесторты ассоциацийы президент физкультурæйы æмæ спорты къабазы Евгений Вайнеримæ бизнес-фембæлды. Æрныхас кодтой дарддæры æмгуыстадыл. Фæстæдæр бабæрæг кодтой республикæйы егъау спортивон объекттæ. Се хсæн республикон стадион «Спартак» дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania