филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:08 пятница, 17 мая 2024
01 апреля 2021, 14:05
Дзанайты Барис «Ирыстоны Намсысы майдан» радта Мæскуыйы паддзахадон юридикон университеты ректор Виктор Блажеевæн

Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы, стæй йæхи номæй æххæстбарджын минæвар раарфæ кодта ректорæн, сæ бирæ азты æмгуыстады тыххæй, æмæ фæлтæрдджын специалистты кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй дæр

Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдары хæдивæг, нæ республикæйы æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Президенты цур Дзанайты Барис «Ирыстоны Намсысы майдан» радта Мæскуыйы паддзахадон юридикон университеты ректор Виктор Блажеевæн. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы, стæй йæхи номæй æххæстбарджын минæвар раарфæ кодта ректорæн, сæ бирæ азты æмгуыстады тыххæй, æмæ фæлтæрдджын специалистты кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй дæр. Йæ разамындæй цæгатирыстойнаг фæсивæд райсынц хæрзхъæд юридикон ахуырад нæ бæстæйы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæй иуы. Ардыгæй лæппутæ æмæ чызджытæ рацæуынц бирæ профессионалон зонындзинæдтимæ. Уый фæстæ ныллæууынц куысты бынæтты. Уыимæ арæх егъау федералон структурæты æмæ зындгонд компаниты, – загъта Дзанайты Барис. Фембæлды архайджытæ куыд загътой, афтæмæй ахсджиаг у уый дæр, æмæ афæдзæй-афæдзмæ нæ республикæйы минæвæрттæ ахуыргæнæндоны кæнынц фылдæр. Ныртæккæ дзы фидæны дæсныйад исынц 118 адæймаджы. Уыдонæй 40 ахуырмæ бацыдысты 2020-æм азы.

Виктор Блажеев загъта, Битарты Вячеславæй æмæ Ирыстоны цæрджытæй, æмтгæй райсгæйæ, разы кæй у, йæ куыстæн ахæм стыр аргъ кæй кæнынц, уый тыххæй. Ирыстойнаг фæсивæд сæхи ахуыры æвдисынц иттæг хорз. Уарзынц нæ иумæйаг бæстæ, сæ республикæ, алцæмæдæр кæсынц бæрнон цæстæй. Уымæй дарддæр сæхи активонæй æвдисынц университеты алы мадзæлтты дæр. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ уæлдæр ахуыргæнæндоны ис ирыстойнаг минæварад. Лæппутæ æмæ чызджытæ зæрдиагæй радзурынц ирон традициты æмæ культурæйы тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania