филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:53 понедельник, 13 мая 2024
29 октября 2021, 12:07
Дзанайты Барис кусæг балцы рæстæг бабæрæг кодта Алагиры район

Премьер базонгæ хъæууонхæдзарадон куыстуæтты  æмæ социалон объектты архайдимæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис кусæг балцы рæстæг бабæрæг кодта Алагиры район. Премьер базонгæ хъæууонхæдзарадон куыстуæтты  æмæ социалон объектты архайдимæ. Бæрæггæнæнтæ хынцгæйæ Дзанайты Барис бахаста, республикæйы райрæзты модель саразыны фæндон. Уыимæ, хъуыды кæнын хъæуы алы районы уавæр дæр.

Алагиры районмæ кусæг балцы рæстæг Дзанайты Барис фыццаджыдæр бабæрæг кодта агрохолдинг «Мастер – прайм «Березка». Хæтæлдоны ис иу мин фондзсæдæ хæрзмыггаг стуры. Березкæйы æхсыр æмæ продукци у дæрддыл хъуыстгонд. Ныр та куыстуаты фæнды йæхи æндæр хуызы бафæлварын. Фосдарæн комплексмæ æввахс сараздзысты роботты æххуысæй чи кусдзæн, ахæм демонстрацион фермæ. Йæ бындурыл сæхæст кæндзысты экологон туризмы проект. Туристтæн та уыдзæнис гæнæн сæхи фермертæй банкъарын. Проект хъуамæ æркуса 2024 азы.

Дарддæр бабæрæг кодтой Алагиры завод. Ам аразынц резистортæ, цы продукци уадзынц, уымæн йæ æвдай проценты у паддазхадон заказ. Фæлæ заводы уавæртæ сты уайдзæфы аккаг. Советон Цæдисы рæстæг куыстуаты фæллой кодтой цыппар мин адæймаджы бæрц. Абон та сæдæ фæндзай. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй заводæн хъæуы радтын ног комулæфт, уымæн æмæ йын ис хъæздыг истори æмæ фæлтæрддзинад.

Бæрзонд æмвæзадыл хъуамæ уа медицинæ дæр. Алагиры районы рынчындоны республикæйы разамонæджы хæслæвæрдмæ гæсгæ сарæзтой ног ПЦР лаборатори. Хицауады сæрдар аныхас кодта сæйраг дохтыримæ æмæ æрзылд рынчындоны корпустыл, уый фæстæ хæслæвæрдтæ радта бæрнон ведомствæйæн.

Уымæй уæлдай бабæрæг кодтой Алагиры Культурæйы Галуан «Комсомолец». Уыцы объект бахастой республикæйы социалон райрæзты программæмæ, фæлæ нырма нæма сбæрæг, йæ рацарæзтæн æхца куыд радих кæндзысты, уый. Арæзталон куыстытæ цæуынц Алагиры аргъуаны дæр. Сцæттæ уыдзæнис Аланийыл саргъауыны мин сæдæ азы кадæн мадзæлттæм. «Чысыл горæттæ æмæ историон хъæуты» конкурсы уæлахизы фæрцы Алагирæн радих кодтой фæрæзтæ, цæмæй горæты парк рацаразой, уымæн. Уый фæстæ та бынæттон администрацийы ацыдис æмбырд. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй хъæуы саразын Алагиры райрæзты хуызæг, цæмæй йыл фидæны æнцой кæной иннæ районтæ дæр.

Сæйрагдæр фарстатæ сты доны хызты æмæ дондзæуæн системæты рацарæзт, стæй туризм. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй хъæуы саразын æппæт уавæртæ, цæмæй къабазæн районы ног комулæфт радтой.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania