филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:56 вторник, 30 апреля 2024
12 апреля 2024, 11:57
Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Дигорайы

Федта, дондзæуæн системæйы рацарæзт куыд цæуы, уый

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис кусæг балцы уыд Дигорайы. Федта, дондзæуæн системæйы рацарæзт куыд цæуы, уый. Рацарæзты куыстытæ райдыдтой мартъийы, æмæ æххæстгонд цæуынц паддзахадон программæмæ гæсгæ. Премьер куыстытæй баззад разыйæ. Дзанайты Барис ма федта, цы культурон центр арæзт цæуы, уый. Зæронд бæстыхай нырыккон домæнтæн дзуапп нал лæвæрдта, æмæ бахъуыд ног аразын. Центры залы уыдзæн 400 бынаты. Хицауады сæрдар загъта æппæт аипдзинæдтыл дæр бакусын кæй хъæудзæн эксплуатацийы раттыны размæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania