филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:47 пятница, 03 мая 2024
30 ноября 2023, 11:23
Дзанайты Барис Мæскуыйы архайдта æппæтдунеон уырысаг адæмон æмбырды

Цæгат Ирыстоны делегацийы хыгъды ма уыдысты Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим, Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ректор Олег Ремизов, æхсæнады æмæ дины минæвæрттæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис Мæскуыйы архайдта æппæтдунеон уырысаг адæмон æмбырды. Цæгат Ирыстоны делегацийы хыгъды ма уыдысты Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчыр Герасим, Цæгат Ирыстоны медицинон академийы ректор Олег Ремизов, æхсæнады æмæ дины минæвæрттæ. Æмбырды архайдтой хицаудзинады æппæт къабæзты минæвæрттæ, æхсæнадон æмæ наукон иугондты разамонджытæ, ахуырады æмæ культурæйы архайджытæ. Фыццаг бон дзы куыста актуалон фарстатыл 11 тематикон секцийы. Амыдтой сæ раззагдæр политиктæ, экономисттæ, бæстæйы ахуыргæндтæ, регионты сæргълæуджытæ сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ. Æмбырды архайджыты раз видеобастдзинады фæрцы раныхас кодта УФ-йы Президент. Владимир Путин куыд фæнысан кодта, афтæмæй нæ бæстæйы сæйраг хæстæй иу фидæнмæ дæр у бинонты кад уæлдæр кæнын. Ацы аз æмбырдæн у юбилейон. 30 азмæ сси Уæрæсейы историимæ баст фарстатыл, патриотон хъомыладыл æмæ бинонты хсæн ахастдзинæдтыл кæм æрдзурынц, ахæм фæз. Нæ делегацийы раныхасмæ гæсгæ, нæ республикæ размæ акодта зынгæ къахдзæф, ацы аз дзы скуста æппæтдунеон адæмон æмбырды регионалон хайад. Цæгат Ирыстонæн ис хъæздыг историон æмæ удварны культурæ. Абон ахсджиаг у адæмы иудзинад, уæлдайдæр та ацы уæззау рæстæг, загъта Дзанайты Барис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania