филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:02 пятница, 03 мая 2024
17 января 2024, 10:45
Дзанайты Барис министртимæ ацы аз сарзта фыццаг æмбырд

Æрдзырдтой республикæйы социалон – экономикон райрæзтыл æмæ адæмы цардыуаг фæхуыздæр кæныныл

РЦИ-А-йы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис министртимæ ацы аз сарзта фыццаг æмбырд. Æрдзырдтой республикæйы социалон – экономикон райрæзтыл æмæ адæмы цардыуаг фæхуыздæр кæныныл. Хицауады сæрдар фæсидтис æмбырды архайджытæм æмæ сын загъта, 2024-æм азы арæзтады къабазы бирæ нысантæ кæй ис, уый. Уымæй уæлдай дарддæр хъæугæ кусæнгæрзтæй ифтонг кæндзысты æнæниндзинадхъахъхъæнынады, культурæйы æмæ спорты бæстыхæйттæ. 2024-æм азы программæтæ иууылдæр сæххæст кæнынмæ, финансты бæрц у 34 миллиард сомæй фылдæр. Фæлæ куыст ууыл не рлæудзæн – зæгъы Дзанайты Барис. Бафиппайдта, ацы аз Цæгат Ирыстонæн ахсджиаг кæй у, уый. Уымæн æмæ бæрæг кæндзæн 3 ахсджиаг цауы. 100 азы сæххæст Цæгат Ирыстоны автономон советон социалистон республикæйыл, 250 азы нæ республикæ Уæрæсеимæ куы баиу, ууыл, стæй 240 азы та сæххæст Дзæуджыхъæуы равзæрдыл. Æмбырды ныхас цыд куысты бынæттыл дæр. Газет «Северная Осетия»-йы сæйраг редакторæй ногæй нысангонд æрцыд Битарты Маринæ. Уымæй уæлдай бауынаффæ кодтой, Хуымæллæджы спортивон комплекс Рахизфарсы районæн балæвар кæнын, Ног цалцæггонд культурæйы хæдзар «Фæскомцæдисон» та – Алагиры районæн. РЦИ-А-йы Хицауады фæндонмæ гæсгæ, арæзт æрцыд сæрмагонд къорд, цæмæй цы æвзæрстытæ цæудзæн, уым, бахъуаджы рæстæг, афойнадыл лыг кæной сæвзæрд фарстатæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Уæрæсейы æндæр регионты хуызæн, Цæгат Ирыстоны дæр 15-æм мартъийы райдайдзæн, 2025-æм азы цы æхсæнадон фæзтæ сцалцæг кæндзысты, уыдон æвзарæн онлайн – хъæлæстгæнæн процесс. Мадзæлттæ ацæудзысты национ проект «Цæрæнуæттæ æмæ горæты æнцонвадат архайд»-ы фæлгæты. Хъæлæс кæныны фадат уыдзæн 30-æм апрелы онг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania