филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:40 среда, 01 мая 2024
15 октября 2021, 16:18
Дзанайты Барис сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтад

Æрæджы ацы темæйыл бæстон ныхас цыди Хицауады æмбырды

Дзанайты Барис сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы сывæллæтты рæвдауæндæтты арæзтад. Æрæджы ацы темæйыл бæстон ныхас цыди Хицауады æмбырды. Скъолайы агъоммæйы цалдæр ахуыргæнæндоны арæзтад цæуынц фæстиатимæ. Афтæ, 11-æм микрорайоны 280 сывæллонæн рæвдауæндон хъуамæ эксплуатацийы радтой ацы азы кæрон, фæлæ республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министры хæстæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин куыд зæгъы, афтæмæй куыстытæ куы нæ фæрæвдздæр уой, уæд объект не сцæттæ уыдзæни. Подрядон организаци фæнд кæны арæзтадмæ уæлæмхасæн бригадты æргом раздахын. Ахæм уавæры ис Владикавказскийы уынджы рæвдауæндон дæр. Арæзтадон къорд архайы куыстытæ афоныл фæуын, фæлæ ам дæр ис размæ вæрд хæстæ нæ сæххæст кæныны аххосæгтæ чи суыдзысты, ахæм фарстатæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania